TV Channel Осетия Ирыстон

Цæгат Ирыстоны ацыд фестиваль «Амыраны рухс» ы гала концерт







Фестиваль «Амыраны рухс»-ы архайджыты хуыздæртæ абон сæмбырд сты Дзæуджыхъæуы Фæсивæды галуаны сценæйы. Жюрийы уæнгтæн хуыздæрты равзарын æнцон хъуыддаг нæ уыд. Уый та уымæн, æмæ азæй-азмæ архайджыты нымæц рæзы, сæ курдиат та хуыздæр кæны. 100 хæдахуыр коллетивæй фылдæр, мин архайæджы. Иууылдæр драматурги æмæ ирон театралон традицитæ базонын банымадтой сæ сæйрагдæр хæсыл.

Фестиваль «Амыраны рухс»-ы архайджыты хуыздæртæ - Дзæуджыхъæуы Фæсивæды галуаны сценæйы. Ныр 5-æм хатт æвзонг артисттæ сæ курдиат равдыстой æмæ адæмы зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой цымыдисаг спектаклтæй. Ирон драматурги æмæ ирон театралон традицитæ базонын, уыимæ ма сæ цæттæдзинад равдисын нымайынц сæ сæйрагдæр хæсыл. Жюрийы уæнгты ныхæстæм гæсгæ, азæй-азмæ фестивалы æмвæзад уæлдæр кæны. Архайджытæ та сæрæндæрæй сæхи æвдисын сценæйы.

Ацы аз фестивалы бацархайдтой мин сабийæ фылдæр нæ республикæйы алы районтæй. Уый, иннæ азтимæ абаргæйæ, у бирæ фылдæр. Бирæтæн ацы фестиваль сси традицион. Ома, дзы архайынц æрвылаз. Сæйрагдæр домæнты ’хсæн - спектакльтæ æмæ театралон скъуыддзæгтæ равдисын ирон æвзагыл.

Куыд иннæ азты, афтæ ацы аз дæр фестивалы æвзарæн туртæ ацыдысты дыууæ къæпхæнæй - районты æмæ республикæйы. Ирыстоны фæсивæды аивадон æнтыстдзинæдтæ рауадысты бæркадджын. Фестивалы аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ирон æвзаг æмæ драматургийы райрæзмæ театр «Амыран» дарддæр дæр стыр æвæрæн хæсдзæн. Уæдæ ног цæхæрцæст актерты нæмттæ дæр тагъд рæстæг нæ республикæйы айхъуысдзысты.

Фестиваль «Амыраны Рухс»- ацы аз суазæг кодта Хуссар Ирыстоны делегацийы минæвæртты. Аразджыты ныфс ис, азæй-азмæ сæ архайджыты географи уæрæхдæр кæй кæндзæн. Абон та уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой дипломтæ æмæ кубоктæй. Аразджытæ зæгъынц, зæгъгæ, ам алы архайæджы дæр уæлахиздзау схонæн ис.

Пелиты Сабинæ
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv