TV Channel Осетия Ирыстон

Алагиры районы байгом ног спортивон зал æмæ цалцæггонд аивæдты скъола







Алагиры районы абон байгом цалдæр объекты. Спортивон, культурон æмæ фæлладуадзæн бынæттæ. Суададжы сарæзтой спортивон зал. Сифтонг æй кодтой нырыккон кусæнгæрзтæй. Хъæуы цæрджыты цинæн ма дзы фæзынд ног фæлладуадзæн бынат дæр сывæллæттæн хъазæн фæзимæ. Уæдæ, Алагиры дæр бындурон цалцæджы фæстæ йæ дуæрттæ сывæллæттæн байгом кодта аивæдты скъола. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хуасдзауты Алинæ.

Абоны бонмæ Суададжы цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты 5 азæй фылдæр. Сырх лент алыг кодтой. Æмæ ног спортивон зал йæ дуæрттæ байгом кодта. Нырыккон домæнтæм гæсгæ арæзт бæстыхай. Зал ифтонггонд у уæгъдибар хъæбысхæстæй архайынæн. Сæвæрдтой дзы алыхуызон спортивон кусæнгæрзтæ дæр. Ныр, спорты хи фæлварын хъæуы сабитæ æмæ фæсивæдæн зынгæ фенцондæр. Раздæр сæ иу хъуыд сыхаг хъæутæм цæуын.

Спортивон зал аразын райдыдтой 2015 азы. Проектыл куыстой къæпхæнгай республикон бюджеты фæрæзты руаджы. Зал ифтонг кодтой хъæуы цæрджыты курдиæттæм гæсгæ.

Æхзысгон хабары фæдыл Суададжы цæрджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта республикæйы хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз.

Абон ма хъæуы байгом кодтой ног фæлладуадзæн бынат. Фæзыл куыстой афæдзы дæргъы. Сифтонг кодтой къахвæндæгтæ, сæвæрдтой бандæттæ æмæ рухсдæттæн системæ. Суададжы сабитæн ма дзы сарæзтой хъазæн фæз.

Бындурон цалцæджы фæстæ Алагиры байгом сывæллæтты аивæдты скъола. 60 азæй фылдæр бæстыхай нывылгонд никуы уыд. Куыстытæ райдыдтой апрелы. 6 мæйы фæстæ скъола у цæттæ.

Цалцæггонд райдзаст кусæн кабинеттæ, концертон зал æмæ хореографийæ архайынæн бынат. Скъолайы хъомылгæнинæгтæ тынг æнхъæлмæ кастысты абонмæ. Зæрдæрайгæйæ сбадтысты музыкалон инструментты уæлхъус.

Скъола сцалцæг кодтой нацпроект «Культурæ»-йы руаджы. Баивтой бæстыхайæн йæ сæр, рудзгуытæ, дуæрттæ æмæ пъолтæ. Ныр, ногæй кусынц фортепиано, хореографи æмæ аивадон хайæдтæ. Нырыккон уавæрты кусын дæр æхсызгондæр у, ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ.

Алагиры цæрджыты курдиæтттæм гæсгæ ма скъолайы байгом вокалон кълас. Уырдæм ныртæккæ исынц сабиты.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv